Дзæуджыхъæуы æрцыд мæлæтдзаг фæндагон-транспортон цау

ФТЦ-ы рæстæджы, тагъд æххуысы æрбацыдмæ фæмард 20-аздзыд чызг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Дигора-Чиколайы трассæйыл æрцыд мæлæтдзаг фæндагон-транспортон цау (ФТЦ), хъусын кæны 15 регион республикон МХМ-ы пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.

ФТЦ-ы рæстæджы, тагъд æххуысы æрбацыдмæ фæмард 20-аздзыд чызг. Йæ хо, 2000 азы гуырд, ис уæззау уавæры республикон клиникон рынчындоны реанимацийы.

Куыд рабæрæг, афтæмæй автомашинæ "Тойота Камри"-йы шофыр æндæр машинæйы разæй фæуыны рæстæджы нал сырæхст скъæрын æмæ сæмбæлд бæласыл.