Боксер Тыбылты Тамерлан рамбылдта йæ фыццаг тох Уæрæсейы фыццагады

Æрæджы та Тыбылты Тамерлан ссис Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты чемпион
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Цхинвайлаг боксер, спорты мастермæ кандидат Тыбылты Тамерлан рамбылдта йæ фыццаг фембæлд Уæрæсейы фыццагады юниорты ʻхсæн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Хаситы Владислав.

Цхинвайлаг Тыбылты Тамерлан ссис Уæрæсейы хуссары тыхджындæр боксер

Æрæджы Тыбылты Тамерлан рамбылдта Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ. Лæппу архайы 64 кг уæзы.

"Зын тох уыд — фембæлдысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ æмæ Сыбыры федералон зылды уæлахиздзаутæ Тыбылты Тамерлан æмæ Александр Плюснин. Нæ боксер рамбылдта бурятаг спортсмены æмæ ахызт дыккаг зылдмæ. Дыццæджы та нын ис ног фембæлд", — банысан кодта тренер.

Уæрæсейы фыццагады боксæй юниорты ʻхсæн архайынц ноджы дыууæ ирыстойнаг боксеры. Уыдонæй иу, Тыбылты Александр дæр ахызт финалы 1/8 хаймæ.

Цæгат Ирыстоны аннæ минæвар Борис Карибян, Европæйы дыууæ хатты уæлахиздзау, стох кæндзæн финалы 1/4 –ы.