Цхинвалы цæрæджы ныццавтой кардæй расыг хылы рæстæджы

Хыл æрцыд Ногхъæуы, цы ран фыдгæнæг æмæ зианбаййафæг нуæзтой иумæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ агурынц нæлгоймаджы, кæцы ныццавта кардæй Цхинвалы цæрæджы, хъусын кæны мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

Знауыры районы цæрæг ныццавта кардæй йæ дадайы

Ведомствæйы банысан кодтой, инцидент кæй æрцыд хуыцаубоны Ногхъæуы (Хуссар Ирыстоны Цхинвалы район), цы ран фыдгæнæг æмæ зианбаййафæг нуæзтой иумæ.

"Цхинвалы 39-аздзыд цæрæг бахауд республикон соматикон рынчындонмæ Цхинвалы районы Ногхъæуæй, цы ран фынгыл бадгæйæ расыг хылы рæстæджы уымæн кардæй ныццавтой йæ гуыбын", — банысан кодтой МХМ-ы.

Районон управленийы кусджытæ сбæлвырд кодтой фыдгæнæджы ном, уагъд цæуынц оперативон-агурæн мадзæлттæ йæ æрцахсыны фæдыл, бафтыдтой МХМ-ы.