Хуссар Ирыстоны банымайдзысты хъæууонхæдзарадон ресурстæ

Хуссар Ирыстоны министрты кабинет хорзыл банымадта æппæтиумæйаг хъæууонхæдзарадон сфысты фæдыл законы проект
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ауадздзысты æппæтиумæйаг хъæууонхæдзарадон сфыст, æмбæлон законыпроект хорзыл нымад æрцыд æртыццæджы республикæйы хицауады рабадтыл.

Хуссар Ирыстоны Статуправленийы сæргълæууæг Тыбылты Инал фехъусын кодта хицауады уæнгтæн, сфыст кæй фæахъаз уыдзæн республикæйы хъæууон хæдзарады ресурстæ æмæ хъомыстæ рафæлгъауын.

"Ацы законы проектыл бакуысты рæстæджы махæн баххуыс кодтой нæ коллегæтæ Росстатæй. Сфысты ахæм фæлтæрддзинадæй пайда кодтой Уæрæсейы, уымæ гæсгæ дзы нæ бон у спайда кæнын махæн ног къабазы", — загъта Тыбылты Инал.

Уый загъта, хъæууонхæдзарадон сфыст кæй у зындæр ауадзын, цæрджыты сфыстимæ абаргæйæ.

Статуправленийы сæргълæууæг: 250 адæймагæй фылдæр хайад райсдзысты цæрджыты сфысты

"Кæд æмæ цæрджыты сфыстæн дыууæ къуыри дæр фаг у, уæд нæ ам та бахъæудзæн 1,5 мæйы", — бахахх кодта Статуправленийы сæргълæууæг.

Паддзахады сæргълæууæг Пухаты Эрик бахахх кодта ахæм сфысты æнæмæнгхъæуындзинад, уымæн æмæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, районтæй чысыл бæрæггæнæнтæй дарддæр, паддзахадæн зын у аргълæвæрд раттын хъæууон хæдзарады къабазы реалон фадæттæн.

Хицауады йæ куыддæр сфидар кæной, уæд законы проект дарддæр та æрвыст æрцæудзæн парламентмæ.