Цæгат Иры ДИФ хуссайраг номыртимæ машинæты тыххæй: æнæхъуаджы нæ тæрсынц ивартæй

Фото- æмæ видеофиксацийы камерæтæ номыртæ Хуссар Ирыстонæй номыртæ не ′взарынц, фæлæ полицийы кусджытæ ивар кæнынц фæсарæйнаг машинæтыл фæткхалджыты, куыд иннæты, афтæ.
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Цæгатирыстойнаг фæндæгтыл фæткхæлдты 30% аразынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон номыртимæ машинæты хицæуттæ. Ахæм статистикæ фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны ФЗӔПИ-йы, хъусын кæны Ирыстон – Осетия.

Экстремалон шофыр: уæлахизæн хъæуы хорз хæдтулгæ æмæ рискыл æдæрсгæйæ цæуын

"Фотофиксацийы камерæтæ фæсарæйнаг номыртимæ машинæтæ нæ фиксаци кæнынц. Шофыртæм афтæ кæсы, уыдон иваргонд кæй не ′рцæудзысты. ФЗӔПИ-йы статистикæмæ гæсгæ, цæгатирыстойнаг фæндæгтыл фæткхæлдты 30% аразынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон номыртимæ машинæтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссарирыстойнаг номыртимæ машинæтæ ис бар цæуынц тар рудзгуытимæ, уымæн æмæ уыдон бахауынц Уæрæсейы территорийыл рæстæгмæ уæвæг транспорты категоримæ, фæлæ сæ аннæ фыдракæндты тыххæй ивар кæнынц, куыд иннæ шофырты, афтæ.

Барадхъахъхъæнджыты ныхæстæм гæсгæ, æввахс рæстæджы фæзындзæн ног уагæвæрд, кæцымæ гæсгæ автомашинæты хицæуттæй ивар исдзысты арæныл рахизыны рæстæджы. Экспертты ныхæстæм гæсгæ, уый ратдзæн фадат уавæрыл æндавын æмæ фæтхæлдты нымæц фæкъаддæр уыдзæн.