Хуссар Ирыстоны парламенты сфидар кодтой ног депутатты

Касаты Ацæмæз æмæ Гæбæраты Таймураз баххæст кодтой фракци "Иугонд Ирыстоны" рæнхъытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрæмбоны радта дыууæ вакантон мандаты Касаты Ацæмæз æмæ Гæбæраты Таймуразæн.

Хуссар Иры парламент æрæхгæдта дыууæ депутаты æххæстбартæ

Амæй размæ парламент æрæхгæдта парти "Иугонд Ирыстоны" депутаттæй дыууæйы — Чилæхсаты Георгий æмæ Бекъойты Геннадийы æххæстбартæ. 1 январæй парламент рахызт куысты профессионалон бындурмæ, уый адыл депутаттæн нал ис бар æмрæстæджы парламенты дæр æмæ æххæстгæнæн органты дæр кусын. Чилæхсаты Георгий æмæ Бекъойты Георгий аскъуыддзаг кодтой депутатон архайд ныууадзын.

Ног депутаттæ баххæст кодтой фракци "Иугонд Ирыстоны" рæнхъытæ.

Профессионалон парламенты фæдыл конституцион закон президент бафыста 2017 азы кæрон.