Президент: Хуссар Ир æмæ Арцахы бæтты историкон иумæйагдзинад

Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта къарабахаг коллегæйæн Арцахы сæндидзын кæныны боны цытæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Хæххон Карабах аразы хæдбар демократон паддзахад, æхсæнадæмон банымадмæ цадæггай цæугæйæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ХКР-йы президент Бако Саакянмæ йæ арфæйы телы Арцахы сæндидзын кæныны боны цытæн.

"1988 азы февралы 20-æм бон ссис рагон Арцахы сæрибаруарзæг адæмы нырыккон историйы нысаниуæгджын фарс, кæцы баст у йæ националон-ирвæзынгæнæн тохимæ сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Уый ссис æппæтнационалон иудзинады символ", — дзырдæуы арфæйы телы.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Карабахы адæмты кæй иу кæны историкон хъысмæты иумæйагдзинад æмæ равдыста ныфс, бæстæты æхсæн хæларадон ахастытæ кæй кæндзысты фидардæр.