Хуссар Иры хæсты тыххæй чиныджы автор балæвар кодта Sputnik цалдæр экземпляры

Уалыты Гайоз, чиныг "Чысыл адæмы стыр трагеди"-йы автор, цы ран æмбырд у 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны хæсты хроникæ, балæвар кодта Sputnik ног чиныджы цалдæр экземпляры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Гæбæраты Ян. Чиныг "Чысыл адæмы стыр трагеди" фыццаг хатт мыхуыры рацыд 2009 азы, йæ тираж уыд 150 экземпляры æмæ рацыд Хуссар Ирыстоны августы цаутыл афæдзы сæххæсты бонмæ. Чиныджы автор, РХИ Арæнгæрон службæйы штабы офицер æмæ Ветеранты цæдисы сæргълæууæджы хæдивæг, булкъон Уалыты Гайоз, дзуры хуссарирыстойнаг хъахъхъæнджыты хъæбатырдзинады тыххæй æмæ мыхуыр кæны 2008 азы августы тугæрхæм цауты цæстæйфенджыты радзырдтæ.

1 / 4
Уалыты Гайоз балæвар кодта Sputnik ног чиныджы цалдæр экземпляры
2 / 4
Уалыты Гайоз балæвар кодта Sputnik ног чиныджы цалдæр экземпляры
3 / 4
Уалыты Гайоз балæвар кодта Sputnik ног чиныджы цалдæр экземпляры
4 / 4
Уалыты Гайоз балæвар кодта Sputnik ног чиныджы цалдæр экземпляры

2017 азы чиныг ногæй рацыд мыхуыры дыууæ хатты фылдæр тиражæй. Авторы ныхæстæм гæсгæ, куысты сæйраг нысан уыд – куыд растдæрæй равдисын 2088 азы трагикон цаутæ, "гуырдзиаг неофашисттæ та ног геноцид куы сарæзтой ирон адæмæн". Уый нысанæн, æмбырдгондмæ бацыд публицистон информаци агрессийы тыххæй, фæмардуæвджыты номхыгъд, афтæ ма цæстæйфенджыты радзырдтæ.

Уалыты Гайоз балæвар кодта ног чиныджы цалдæр экземпляры Sputnik журналисттæн æмæ банысан кодта, ацы чиныг кæй хъуамæ суа столы чиныг алы хæдзары дæр, цы ран нæ истори æмæ адæмы хъысмæтмæ нæй куыдфæндыйы ахаст.

"Ацы хроникæ апарахат æнæхъæн дунейыл. Бирæ бæстæтæй – Итали, Израиль æмæ æндæртæй – мæнмæ дисæфтыдæй дзурынц, зæгъгæ сæ уырнгæ дæр нæ кæны, цæй тугæрхæм хæст уыд æмæ дзы кæй ницы зыдтой. Ӕз алыхатдæр дзуапп раттын – чиныджы радзырдтæ сты факттæ æмæ цæстæйфенджыты æвдисæндзырдтæ", — дзуры Гайоз.

Чиныг дих у æртæ сæргондыл, дзырд сæ цæуы хæсты разисторийыл, сабыр цæрджыты æмæ фидауынгæнджыты æхсæн фыццаг амæттæгты тыххæй æмæ хæстон архæйдтыты фæстиуджытыл. Хицæн сæргондмæ бацыдысты бынæттон цæрджыты æмæ журналистты радзырдтæ.