Иу бон æнæ донæй: Цхинвалы аиуварс кæндзысты магистралон хæтæлыл авари

Аразджытæ столицæмæ донифтонгад сног кæнын фæнд кæнынц 23 февралы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Магистралон доны хæтæл Едыс-Цхинвалыл авари иу бон æнæ донæй ныууадздзæн республикæйы столицæ. Цыппæрæмы "Водоканал"-ы куысджытæ архайдзысты проблемæ аиуварс кæныныл, уый тыххæй сæ бахъæудзæн горæтмæ дон ахицæн кæнын, фехъусын кодтой Sputnik Цхинвалы администрацийы пресс-службæйы.

"Магистралон доны хæтæл Едыс-Цхинвал æрцыд хъыгдард, æртыццæджы "Водоканал"-ы кусджытæ сбæлвырд кодтой аврийы бынат. Дон æнæахицæнæй проблемæйæн аиуварс кæнæн нæй, уымæ гæсгæ 22 февралы столицæ баззайдзæн æнæ донæй", — загъта мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зæринæ.

Уый ма банысан кодта, аразджыты нывæзтмæ гæсгæ столицæйы донифтонгад кæй сног уыдзæн 23 февралы.