ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæйы (ДАР) тыхон структурæтæ нывæндынц æмархайд кæнын, уый нысанæн дыууæ республикæты ведомствæтæ бафысдзысты æмбæлон сразыдзинад. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта ДАР-ы делегациимæ фембæлды рæстæджы хъахъхъæнынады министр Виктор Кононовы сæргълæудæй, кæцы æрцыд Цхинвалмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ РХИ Хъахъхъæнынады министрадыл 25 азы сæххæсты бонмæ.
"Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæ банымадтой кæрæдзи хæдбардзинад. Ӕмæ мах æмархайд цæндзыстæм цардархайды цыфæнды къабазы дæр: экономикæ, ахуырад, хъахъхъæнынад. Мах бакусдзыстæм нæ тыхон структурæты æхсæн сразыдзинад бафыссыны фарстыл æмæ уæрæх кæндзыстæм, ныры онг уал нын цы æмархайд ис, уый", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Виктор Кононов загъта бузныг хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн ахæм хъарм райсты тыххæй æмæ йæм радта архивон документтæ — Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй Сырх Ӕфсады рæнхъыты цы хæстонтæ хæцыдысты æмæ 1941 азæй æбæрæгæй фесæфæгыл нымад чи цæуы, уыдон хисæрмагонд номхыгъд.
"Уыдон бахаудтой уацары æмæ сæ дардтой æфсæддон уацайрæгты лагеры горæт Юзовкæйы (Донецк)", — загъта уый.
Бибылты Анатолий загъта, историкон думент кæй æрцæудзæн лæвæрд Хуссар Ирыстоны Национ музеймæ.
"Ахæм экземпляр ма арвитдзыстæм Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланимæ", — загъта бæстæйы сæргълæууæг.
Фембæлды рæстæджы нысан æрцыд, 9 майы Цхинвалы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы цытæн æфсæддон парады хайад кæй райсдзысты ДАР-ы æфсæддон службæгæнджыты дыууæ къорды, РХИ Хъахъхъæнынады министрады дæлхайæдтæ та райсдзысты хайад æфсæддон парады Донецкы.