Хуссар Иры генпрокурор райхæлдта Къæбысты Георгийы хъуыддаджы хæйттæ

Республикæйы бюджет нæ райста сæдæгай милуан сомы, Къæбысты Георгий цы мæнг фирмæтæ сарæзта, уыдон архайды аххосæй, фехъусын кодта цæстдардон ведомствæйы сæргълæууæг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Гæбæраты Ян. Бастдзинады экс-министр Къæбысты Георгий Хуссар Ирыстоны территорийыл æмæ рсепубликæйæн æддейæ цы фирмæтæ сарæзта, кæцыты уылты 2010 азæй фæстæмæ хъалонон закæтты иувæрсты ракондæуыд 800 милуан сомы, фехъусын кодта брифингы рæстæджы Хуссар Ирыстоны генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг.

Къæбысты Георгийы ахæст: ног æмгъуыд

Къæбысты Георгийы æрцахстой 2017 азы 7 ноябры. Фæстæдæр горæт Цхинвалы тæрхондон дыууæ хатты адарддæр кодта йæ ахсты æмгъуыд – 2018 азы 7 апрельмæ.

2017 азы сентябры, генералон прокуратурæйы хæслæвæрдмæ гæсгæ, басгæрст æрцыд чырон оператор "МегаФон-Хуссар Ирыстон"-ы ("Остелеком") финансон-хæдзарадон архайд. Генпрокуроры ныхæстæм гæсгæ, æмрæстæджы уагъд цыдысты басгæрсттæ бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты, кæцыты фæстиуджытæм гæсгæ, Къæбысты Георгийы ныхмæ раразмæ кодтой тæрхон УФ-йы УК-ы 286-æм статьямæ гæсгæ – "кусæгон æххæстбарты сæрты ахызт".

Дзæгъиаты Уырызмæг фехъусын кодта, зæгъгæ, фæдагуырды рæстæджы фæбæрæг, Къæбысты Георгий, кусæгон бартæй пайда кæнгæйæ, ракодта мæнг фирмæтæм ифтонггарз æмæ активтæ, кæцытыл уымæн нæ уыд законон бар.

Фæдагуырд раргом кодта, Къæбысты Георгий æмæ йе ′мгар Джиоты Мириан æнæзакононæй сæхи кæй бакодтой чырон оператор "Магтиком"-ы мæсыггæндтæ.

"Къæбысты Георгий æмæ Джиоты Мириан сарæзтой документтæ мæсыггæндты бын зæххы фадгуытыл, уый фæстæ сарæзтой мæнг документты пакет æмæ райстой хиисбоны фæдыл æвдисæндар. Фæстæдæр мæсыггæндтæ ауæй кодтой компани "Остелеком"-æн 23 милуан сомæй. Ӕхцаты иу хай ацыд мæнг фирмæйы хыгъдмæ, аннæ хай та – Джиоты Мирианы сæрмагонд хыгъдмæ. Фæстæдæр уыцы æхцатæ лæвæрд æрцыдысты Къæбысты Георгиймæ", — загъта Дзæгъиаты Уырызмæг.

Бастдзинады комитеты сæргълæууæджы бынаты куы уыд, уæд Къæбысты Георгий сарæзта куыстуæттæ, кæцытæ истой нардуаттæ "Остелеком"-æй, фæлæ куыстытæ нæ æххæст кодтой, адарддæр кодта прокурор. Фæдагуырды версимæ гæсгæ, ацы фирмæты уылты бантыст ракæнын 800 милуан сомæй фылдæр.

Къæбысты Георгийы хæдзар басгæрсты рæстæджы ма байст æрцыд сæрмагонд аппаратурæ сусæгæй хъусынæн.

Бибылты Анатолий: нæй мын сæрмагонд хъаугъа Къæбысты Георгиимæ

"Ныридæгæн мах сбæлвырд кодтам фрагментты иу хай. Ацы бæрæггæнæнтæ куы фехъусын кæнæм, уæд Къæбысты Георгийы æмбæлттæй бирæтæ бахаудзысты дисы", — загъта прокурор.

Генпрокурор ма банысан кодта, фарон уголовон хъуыддаджы баконды фæстæ, Къæбысты Георгий кæй нал у хицауады минæвар "Остелеком"-ы (компанийы акциты 25 проценты сты республикæйы исад), чырон оператор тæ йæ сырæзты бонæй (2004 азы) фыццаг хатт бахаста республикæйы бюджетмæ акцитæй дивиденттæ 40 милуан сомы бæрц.

Хуссар Ирыстоны бастдзинады экс-министр Къӕбысты Георгийы аххосджын кæнынц кусæгон барты сæрты ахизыны, экономикон фыдракæндтæ саразыны æмæ æнæзакононæй химæ хæцæнгарз дарыны.

Къӕбысты Георгий — ПӔК-ы раздӕры ӕмкусӕг, хицӕн рӕстӕджыты куыста бӕрнон бынӕтты РХИ Паддзахадон хъахъхъӕнынады службӕйы, Информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты. У республикӕйы уӕлдӕр паддзахадон хорзӕх — Орден Уацамонгӕйы кавалер, активон хайад иста гуырдзиаг-ирон хӕсты.

Дело Кабисова: генпрокурор Южной Осетии рассказал подробности