Уастырджийы цырты цур авари Транскамыл бахауд видеомæ

Фæндагон фыдбылыз æрцыд трассæйы цæгатирыстойнаг фадыгыл Алагирæй цалдæр километры дæрддзæф
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik, Наталья Айриян. Транскавказаг автомагистралыл, кæцы иу кæны Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны, фыццæджы райсомæй æрцыд авари цалдæр машинæйы хайадистæй.

ДТП на Транскавказской автомагистрали
Фæндагон фыдбылыз æрцыд Сыгъдæг Джиуæрджи Уæлахизхæссæджы цырты цур горæт Алагирæй цалдæр километры дæрддзæф. Кæрæдзиуыл сæмбæлдысты цалдæр машинæйы, уыдон нымæцы уæзласæн машинæ æмæ рог фæсарæйнаг маркæ машинæ. Рог хæдтулгæйы пассажиртæй иуы аластой тагъд æххуысы машинæйыл. Зианбаййафджыты нымæцы тыххæй бæлвырддæр ницы зонæнтæ ис нырма.