Хуссар Иры арæнгæрон службæ фæткхæлдты тыххæй: æнхъæл нæ уыдыстæм

Валерий Зозуля радзырдта Хуссар Ирыстоны арæнгæрон территоритыл уавæры тыххæй æмæ æрхаста арæн фехалыны цауты статистикæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны цæрджытæн арæнгæрон зонæйы уæвынады фæрогдæргонд уагæвæрд æрмæстдæр чысылбæрцæй фæкъаддæр кодта фæтк халыны цауты нымæц, загъта ПӔК-ы Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг Валерий Зозуля 2017 азы бакæнгæ куысты фæстиуджыты фæдыл æмбырды рæстæджы.

Хуссар Иры ПӔК æрдзырдта Гуырдзыстонимæ арæны хæрзарæзтады нывæзтыл

Фарон январы Хуссар Ирыстоны хицæуттæ аивтой пропусктæ арæнгæрон зонæмæ республикæйы æмбæстæгтæн. Ног уагæвæрд бакæныны онг, арæнгæрон зонæмæ бацæуыны тыххæй республикæйы æмбæстæгты хъуыд райсын пропуск ПӔК-ы Арæнгæрон службæйы. Ныр та сæ бон у цæуын арæнгæрон зонæмæ республикæйы æмбæстаджы паспортæй, науæд та кусæгон æвдисæндарæй.

"Арæгæрон зонæйы бацæуыны уагæвæрд куы фæхуымæтæгдæр кодтам, уæд нæ ныфс уыд, арæнгæрон режим фехалыны цауты нымæц кæй фæкъаддæр уыдзæн. Чысыл фæкъаддæр ис, фæлæ мах куыд æнхъæл уыдыстæм, афтæ нæ разынд", — загъта Зозуля.

Арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæг æрхаста статистикæ, кæцымæ гæсгæ, 2016 азы регистраци кæй æрцыд арæнгæрон режим фехалыны фæдыл 280 цауы, 2017 азы та – 200.

"Цифрæты бынтон æвзæр нæу, фæлæ куыд æнхъæл уыдыстæм, афтæ хорз нæ разынд. Мах ныфс уыд, сæ нымæц кæй фæкъаддæр уыдзæн 2-3 хатты. Арæнгæрон информацион амонæгтæ цæрджытæ бынтондæр ницæмæ æрдарынц æмæ сæ иувæрсты ацæуынц. Мах райдайдзыстæм исын карздæр мадзæлттæ. Кæд раздæр амонæгтæ æвæрд нæ уыдис æмæ бæрæг нæ уыд, кæй ис арæнгæрон зонæ, уæд ныр та алы фæндагыл дæр сты, фæлæ хъуыддаг дарддæр кæны", — загъта Зозуля.

Уый фехъусын кодта иууыл проблемондæр фæдыздæхттæ, цы ран фæткхæлдтыты нымæц у иууыл фылдæр. Иууыл проблемондæр Зозуля схуыдта "Арцеуы фадыг, цы ран ивгъуыд аз æрцахстой 82 арæнсæттæджы – дыууæ хатты фылдæр 2016 азимæ абаргæйæ".

Хуссар Ир гом кæны таможнæйон пункт Гуырдзыстонимæ арæныл

Проблемон ма сты Хуссар Ирыстоны Знауыры æмæ Цхинвалы районты Балта æмæ Дисеуы хъæутæ.

"Азæй азмæ фылдæр кæны арæны режим халыны цауты нымæц, арæнсæтджытæ сæйраджыдæр сты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ. Цифрæтæй сæ куы сисæм, уæд 2014 азы уыдон уыдысты 52, 2017 азы та – сæдæйæ фылдæр. Цифрæтæ стыр не сты, фæлæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты нымæц кæны къаддæр", — загъта Зозуля.

Амæй размæ ПӔК фехъусын кодта, Хуссар Ирыстонмæ 2017 азы кæй фæуазæг сты 4 минæй фылдæр фæсарæйнаг æмбæстæгтæ, уыцы нымæцмæ нæ хауынц Хуссар Ирыстоны, Уæрæсейы, Абхаз æмæ Никарагуайы æмбæстæгтæ.