Икъаты Руслан æмæ Гасситы Мурæт æмбулынц "Иры афæдзы адæймаджы" номыл хъæлæскæнынад

Хъæлæскæнынады шорт-лист сарæзтой Дзæуджыхъæуы уынгтыл æмæ Цæгат Ирыстоны районты адæмы æрфарсты фæстиуджытæм гæсгæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Меценат, Цæгат Ирыстоны арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег æмæ боксæй дунейы чемпион Гасситы Мурæт ныридæгæн райстой хъæлæсты фæйнæ 37%, хъусын кæны Градус Осетии.

Гасситы Мурæт нымад æрцыд иууыл хуыздæр боксерыл

Лидертæ цæуынц æмвæзæй, Икъайы фырт Гасситы Мурæтæй у раздæр æрмæстдæр цалдæр хъæлæсы. Ӕртыккаг бынаты ис Паддзахадон Думæйы депутат, æртæ хатты олимпиаг чемпион Таймæзты Артур (9%).

Преми "Ирыстоны афæдзы адæймаг"-æн æрæвæрдта бындур Цæгат Иырстоны социалон æгъдауæй активон бизнесы ассоциаци "Иудзинады бындур". Хъæлæскæнынады шорт-лист арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы уынгтыл æмæ Цæгат Ирыстоны районты адæмы æрфарсты фæстиуджытæм гæсгæ, кæцы ауагъта æхсæнадон цæстæнгас сахуыр кæныны фæдыл цæгатирыстойнаг центр.

Æрфарст адарддæр уыдзæн 10 марты онг. Хъæлæс кæныны фадат ис æрмæстдæр иу хатт суткæйы.