Цхинвайлаг фондз æмбуархæцæджы рамбылдтой Цæгат Иры фыццагад

Чемпионтæ фæхайджын сты сыгъзæрин майдантæ, грамотатæ, арфæтæ æмæ бæрзонддæр æмвæзады ерыстæм балцæгтæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æмбуар хæсты спортсментæ рамбылдтой фондз сыгъзæрин майданы Цæгат Ирыстон — Аланийы фыццагады каратейы æппæт стильтæй, фехъусын кодта спортсменты тренертæй иу Уалыты Вахтанг. 

Цæгат Ирыстоны фыццагдмæ афæндараст сты Цхинвалы дыууæ секцийы тыхджындæр хæцджытæ. Тренертæ Хъуылымбегты Мамед æмæ Уалыты Вахтангы хъомылгæнинæгтæй фондз ссисты уæлахиздзаутæ, фараст та — призертæ.

Уалыты Вахтанг йæ хъомылгæнинагимæ

"Цæгат Ирыстоны æмбуар хæсты ерысты расгуыхтысты мæ хъомылгæнинæгтæ Плиты Алан, Джиоты Инал æмæ Куымæридтаты Георгий. Хъуылымбегты Мамеды хъомылгæнинæгтæ Тæтæрбиты Дауыт æмæ Бестауты Арсен ссисты уæлахиздзаутæ, уымæй дарддæр ма цхинвайлаг спортсментæй фараст та ссисты призертæ", — загъта Уалыты Вахтаг.

Аннæ тренер дæр спортсменты ралæудтæй баззад райгондæй æмæ сæ ныр та разæнгард кæны ног ерыстæм.

"Сæ бон цы уыд, уый сæххæст кодтой, æппæт дæр ацыд нывыл. Турниры уæлахиздзаутæм ныр та æнхъæлмæ кæсы уæлдæр æмвæзады ерыстæ", — бафтыдта Хъуылымбегты Мамед.

Цæгат Ирыстоны фыццагад æмæ чемпионат каратейы æппæт стильтæй цыд 2-3 марты хъæу Октябрьскийы. Турниры архайдта 150 спортсмены Ирыстоны алы къуымтæй.