Ӕмхасæн "Ирон чиныг" фæзынд Apple дæр

Пайдагæнджытæн ис фадат байхъусын нарты эпосы циклмæ æнæхъæнæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Проект "Ирон чиныг" æрбайгом кодта æнæаргъ æмхасæн Apple хицæуттæн, хъусын кæны Осетия-Ирыстон.

"Базон-базон" ӕмӕ "Ирон чиныг" апырх сты мобилон телефонты

Ӕмхасæн дæтты фадат адæмон сфæлдыстады уацмыстæм, ирон литературæйы классиктæм байхъусын æмæ æмрæстæджы кæсын текст. Программæ раздæр уыд æрмæстдæр Android платформæйыл. Иу азмæ йæ сæ гаджеттыл сæвæрдтой 5 мин пайдагæнæджы.

"Пайдагæнджытæн ис фадат байхъусын нарты эпосы циклмæ æнæхъæнæй (64 радзырды), кæцытæ кастысты зындгонд ирон артисттæ. Уыдоны æхсæн Мерденты Юрий, Икъаты Маирбег, Сланты Коста, Саламты Николай. Уымæй дарддæр ма, базæйы ис ссарæн Коцойты Арсены уацмыстæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Проект "Ирон чиныг" реализацигонд цæуы Президентон грантты фонды æххуысæй программæ "Аудиобалц аргъæутты дунемæ"-йы фæлгæтты, кæцы арæзт æрцыд ахуыргæнджытæ-психологты ассоциацийы хъæппæрисæй.