Знауыры районы цæрæг амардта йæхи

Ноджы ма иу мард буар ссардæуыд горæт Цхинвалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Знауыры районы Калеты хъæуы цæрæг амардта йæхи, неоцид баназгæйæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Неоцидæй пайда кæнынц мыстхуыз æхсынæгты ныхмæ тохы.

"Калеты хъæуы 85-аздзыд цæрæг амард республикон рынчындоны, неоцидæй фæхъæстæйы фæстиуæгæн", — банысан кодтой МХМ-ы.

Уымæй дарддæр ма, ивгъуыд къуыри, 27 февралы, тагъд æххуысы бригадæ фæхæццæ кодта рынчындонмæ 51-аздзыд цхинвайлаг сылгоймаджы буар. Сылгоймаджы буар басгаргæйæ не ссардæуыд тыхмарды миниуджытæ.

Уыцы бон ма республикон рынчындонмæ Хъайтарты уынгæй фæхæццæ кодтой цыппар цхинвайлаг æмбæстаджы, кæцыдæ фесты сыгъдхъæустæ. Уыдонæй дыууæйæ уыдысты æнахъомтæ.