Парламентарийтæ сарæзтой лæвар микрорайон ЦАРЗ-ы фæсивæдæн

Бынæттон фæсивæд йæхи тыхтæй сæндидзын кодта тренажерон зал, кæцы ныппырх æфсæддон архæйдтыты рæстæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Парламентон партитæ "Иугонд Ирыстон" æмæ "Адæмы иудзинад"-ы депутаттæ парламенты спикер Гасситы Петры сæргълæудæй балæвар кодтой микрорайон ЦАРЗ-ы спортзалæн спутникон телеуынынады комплект "Триколор-ТВ" æмæ нырыккон телевизор, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службæ.

Хуссар Иры Фыдыбæстæйон хæсты инвалидтæн дæттынц гуманитарон æххуыс

Тренажерон зал ис цæрæн корпусы бæстыхайы, кæцы ныппырх хæсты рæстæджы, фæлæ 2016 азы æрцыд цалцæг фæсивæды тыхтæй.

"Бынæттон фæсивæд мæм æрбахатыд "Триколор-ТВ"-йы комплект æмæ сын телевизор балхæныны курдиатимæ. Мах, парти "Иугонд Ирыстонимæ" аскъуыддзаг кодтам уыдонæн ахæм лæвар бакæнын", — загъта депутат парти "Адæмы иудзинад"-æй Пæррæстаты Дмитрий.

Парламенты спикер загъта бузныг бынæттон лæппутæн сæ хъæппæрисы тыххæй æмæ равдыста ныфс, микрорайоны фæсивæд кæй уыдзæн хæст æнæниз цардуагыл.

"Хъæуы разæнгард кæнын фæсивæды æнæниз цардуаг æххæст кæнынмæ, спортыл сæ цайдагъ кæнын. Мах та уын æххуыс кæндзыстæм дарддæр уын цы проблемæтæ сæвзæра, уыдон скъуыддзаг кæныны", — загъта уый.

Микрорайоны фæсивæды минæвар Бестауты Авед загъта бузныг парламентарийтæн бакæнгæ æххуысы тыххæй.