УУМ бафæдзæхста зæйтæ æрцæуыны тасы тыххæй Цæгат Ирыстоны хæхты

Транскавказаг автомагистралыл автомобилон змæлд сæндидзыдта къуырисæры изæрæй, фæлæ Ирыстоны хæххон районты нырма дæр тæссаг у зæйтæ æрцæуынæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ фæдзæхсынц зæйтæ æрцæуынæй тасы тыххæй республикæйы хæххон районты 6 марты изæры онг, хъусын кæны РЦИ-Аланийы УУМ-ы пресс-службæ.

Транскам æрæхгæдтой тыхджын митуарды аххосагæй

"Гидрометеорологи æмæ алфæмблайы мониторингы фæдыл Цæгат-Кавказаг управленийы прогнозмæ гæсгæ, 5 марты 18:00 сахатæй 6 марты

18:00 сахаты онг республикæйы уæлхох районты у тæссаг зæйтæ æрцæуынæй", — дзырдæуы ведомствæйы хъусынгæнинаджы.

УУМ фæдзæхсы уæлвæткон уавæрты æмæ цауты фæзындты тыххæй, кæцытæ баст сты бæстыхæйттæн зиан бакæнынимæ, бастдзинады æмæ электрохæххыты ныскъуыдтæимæ, фæндæгты æрæхгæдимæ æмæ сиды адæммæ, цæмæй сæхи бахизой зæйтæ æрцæуынæй тæссаг бынæтты уæвынæй.