Цхинвалы ацыд протесты акци Татунашвилийы мард раттыны ныхмæ

Цхинвалы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны раз фæзуатмæ æрбамбырд сты 400 адæймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Хæстон архæйдтыты рæстæджы фæмардуæвæг æмбæстæгты æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы æмбæстæгты хиуæттæ æрæмбырд сты Цхинвалы протесты митингы, гуырдзиаг хицæуттæ æмæ ДИФ-тæ цы загъд-замана сарæзтой Гуырдзыстоны æмбæстаг Георгий Татунашвилийы амæлæты фæдыл, уый ныхмæ – Татунашвили амард 22 марты цхинвайлаг рынчындоны.

Хацырты Филипп æрдзырдта Ленингоры уавæрыл Татунашвилийы амæлæты фæстæ

Мадзалмæ æрбацыдысты интеллигенцийы минæвæрттæ, студенттæ æмæ хистæр клæссты ахуыргæнинæгтæ, уыдон балæууыдысты фæмардуæвæг æмбæстæгты бинонты комитеты минæвæртты фарс, кæцытæ домдтой, цæмæй Татунашвилийы мард ма радтой Гуырдзыстонæн.Скъоладзаутæ рахастой аргъуанон фæзуатмæ 1989-2008 азты фæмардуæвæг адæмы къамтæ. Студенттæ хастой транспаранттæ ахæм лозунгтимæ – "Гуырдзыстон, раздах нын нæ мард лæппуты мард буары хæйттæ", "Евроцæдис, ма нымай хорзыл Гуырдзыстоны террор Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ", "Гуырдзыстон хъуамæ радта дзуапп 145 æбæрæгæй фесæфæг ирæтты фæдыл".

Митинг в Цхинвале в память жертв геноцида

"Нæ рис нæ хъуысы Евроцæдисы бæстæты фæзуатыл, кæцытæ алыхатдæр æвæрынц акцент демократон нормæтæ хъахъхъæныныл. Фæлæ абон Гуырдзыстоны къухдариуæгад, журналисттæ æмæ дзыллæйад систой æхсæнадæмон æмвæзадмæ сæ æмбæстæгтæй иу – Георгий Татунашвилийы амæлæт. Хъуысынц карз домæнтæ йæ мард буар раттыны фæдыл. Мах лæппуты мард буары хæйтты фæдыл та нын чи ратдæн дзуапп, кæцыты скуынæг кодтой Гуырдзыстоны", — раныхас кодта митингыл Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Уалыты Роза.

Митингмæ æрбацыдысты 2008 азы бæрæгæй фесæфæг æмбæстæгтæ Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтаны хиуæттæ.

"Ныр дæс азы мах нæ зонæм, удыгас у æви мард. Йæ ныййарджытæ амардысты мастæй. Абон Гуырдзыстон загъд-замана систа сæ æмбæстæгтæй иуы амæлæты фæдыл, афтæмæй та мах лæппутæй сæдæгæйттæ сардтой сæ мæлæт гуырдзиæгты къухтæй. Мах разы не стæм Татунашвилийы мард раттыныл. Уæд нын Гуырдзыстон дæр раттæд нæ лæппуты мард буары хæйттæ ", — загъта Хуыгаты Аланы хæстæг.

Акцийы хайадисджытæ æрсидтысты дунейон æмæхсæнадмæ, цæмæй саразой аргълæвæрд Хуссар Ирыстоны æфсæддон архæйдтытæн æмæ бандавой Гуырдзыстоныл агрессийы фæдыл бæрн сæхимæ райсыныл.

Митинг в Цхинвале в память жертв геноцида

Акцийы кæрон æрæмбырдуæвджытæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.