Медойты Дмитрий æмæ Марат Кулахметов æруынаффæ кодтой УФ-йы президенты æвзæрстытыл

Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ ацæудзысты 18 марты, æдæппæт республикæйы æрбайгом уыдзысты 13 æвзарæн фадыджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны територрийыл Уæрæсейы президенты æвзæрстыты ауадзыны фарстыл æруынаффæ кодтой республикæйы ФХМ-ы сæргълæууæг Медойты Дмитрий æмæ УФ-йы минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.

"Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыд фарстытыл, кæцытæ сты цымыдисаг дыууæ бæстæтæн дæр. Сæйраг хъусдард здæхт уыд Хуссар Ирыстоны територрийыл Уæрæсейы президенты æвзæрстытæм бацæттæ кæныны æмæ ауадзыны фарстмæ", — хъусын кæны ФХМ-ы пресс-службæ.

Бибылты Анатолий: æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой барадон домæнтæм гæсгæ

Медойты Дмитрий бахахх кодта, Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæрстытæ кæй сты ахсджиаг политикон цау, куыд Уæрæсейæн, афтæ Хуссар Ирыстонæн дæр æмæ фидарæй загъта, республикæйы къухдариуæгад кæй сараздзæн æппæт уавæртæ, цæмæй хъæлæскæнынады бон æвзарджытæ сæрибарæй саразой сæ равзæрст.

Фарсытæ ма æруынаффæ кодтой æмгъуыдæй раздæр хъæлæскæнынады цыдыл дæр, кæцы райдыдта 5 марты республикæйы дæрддзæф хъæуты.

Путин фехъусын кодта президентон æвзæрстыты хайадисты тыххæй

Ӕддагполитикон ведомствæйы сæргълæууæг ма фехъусын кодта, республикæйы президент Бибылты Анатолийы барамындæй арæзт кæй æрцыд кусæгон къорд, кæцы йæ сырæзты фыццаг бонæй æрæвнæлдта кустымæ. Кусæгон къорды сырæзты нысан у – Хуссар Ирыстоны территорийыл УФ-йы президенты æвзæрстыты ауагъд сифтонг кæнын.

"Куыст цæуы алы фæдыздæхты дæр, спайдагонд цæуы республикæйы паддзахадон структурæты æмбæлон органты фадæттæй дæр, уый нымæцы районон администрациты æмвæзадыл", — бахахх кодта уый.