Хуссар Иры сисдзысты нывæфтыд киноныв 20-æм æзты геноцидыл

Нывæфтыд фильм бындуриуæг кæндзæн ирон литературæйы классик Дзесты Куыдзæджы радзырд "Хур скæсæны 'рдæм нæ ныгуылы"-йыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны националон киностуди "Allonfilm" сисдзæн нывæфтыд киноныв Хуссар Ирыстоны 1920 æзты геноциды тыххæй, фехъусын кодта Sputnik киностудийы директор Мамиты Григорий.

"Нæ фæсмон кæнын": Колыты Иналыл Цхинвалы исынц документалон кино

Уый суыдзæн киностудийæн йæ фыццаг нывæфтыд фильм, уымæй размæ ма сфæлдыстадон къорд систа дыууæ документалон лентæйы. Нывæфтыд фильм бындуриуæг кæндзæн Дзесты Куыдзæджы радзырд "Хур скæсæны 'рдæм нæ ныгуылы"-йыл.

"Уый суыдзæн не 'ртыккаг проект дывæр агент Колыты Инал æмæ Джиоты Аланыл (Парпат) арæзт документалон куыстыты фæстæ æмæ уыдзæн зынгæ егъаудæр. Ныридæгæн фыст цæуы сценарий радзырды бындурыл. Ныфс нæ ис, кæй нын бантысдзæн йæ саразын. Сæйраг фæлгонц — карджын лæг Дзанджы бынатмæ æвзарæм Хуссар Ирыстоны адæмон артист Хаситы Вильгельм æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Битаты Роберты хсæн", — загъта Мамиты Григорий.

Киностудийы директор ма радзырдта, нывæфтыд фильм кæй хъуамæ сцæттæ уа Хуссар Ирыстоны историйы уæззаудæр æзты – 1920 æзты геноцидыл 100 азы сæххæстмæ.

Киностуди "Allonfilm"-ы сконды Мамиты Григорийæ дарддæр архайынц Бестауты Юля, Хаситы Михаил æмæ Цхуырбаты Сергей.