Ирон гуымсæгдзæгъдæг ссис Уæрæсейы националон исбон

Карсанты Магомет ссис литературон-биографион альманах "Уæрæсейы персона. Национ исбон"-ы ног рауагъды хъайтар
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны адæмон артист, зындгонд гуымсæгдзæгъдæг Карсанты Магомет бацыд литературон-биографион альманах "Уæрæсейы персона. Национ исбон"-мæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы культурæйы министрады пресс-службæ.

Карсанты Магомет у ансамбль "Хæхты ритмты" аивадон къухдариуæггæнæг, кæцы раздæр 25 азы дæргъы архайдта Паддзахадон академион ансамбль "Алан"-ы. 1989 азы ансамбль бацахста фыццаг бынат Парижы фестивалы, цы ран хайад истой 200 гуымсæгцæгъдæджы 45 бæстæйæ.

Альманах "Уæрæсейы персона. Национ исбон" цæуы мыхуыры ныр 14 азы æмæ дзуры нæ зындгонд æмдугонты цард æмæ архайдыл.