Хуссар Ирыстоны президент: мах цæттæ стæм провокацитæм

Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ рæстæгæй рæстæгмæ кæрон скæнынц провокациты фæлвæрдтæн, фехъусын кодта Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Уæрæсейы президенты æвзæрстыты агъоммæ Хуссар Ирыстоны уавæр фæкарздæр кæныны бафæлвæрдтæн нæ уыдзæн æнтыстытæ, загъта президент Бибылты Анатолий.

Хуыцаубоны, 18 марты республикæйы æрбайгом уыдзысты 13 æвзарæн фадыджы, уыдонæй 11 – æмбæстагон хъæлæскæнынадæн, дыууæ та – уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæн. Абон балхынцъ уыдзæн æмгъуыдæй раздæр хъæлæскæнынады дыккаг этап.

"Гуырдзыстон бирæ æзты паддзахадон терроризмы политикæ æмæ æфсæддон агресси куы уадзы æмæ тыхæй ма спайда кæныны документ бафыссыныл куыннæ разы кæны, уыцы уавæрты Хуссар Ирыстоны алыхатт дæр цæттæ сты алыгъуызон провокацитæм", — загъта Бибылты Анатолий йæ интервьюйы 15 регионæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, провокацитæ саразыны бафæлвæрдтæ вæййынц рæстæгæй рæстæгмæ, фæлæ сын Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æвиппайды кæрон скæнынц.

Бибылты Анатолий: Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ сты мах æвзæрстытæ дæр

"Ӕнæдызæрдыг дæн, УФ-йы президенты æвзæрстыты рæстæджы хъæлæскæнынад кæй ацæудзæн сабырæй æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрæг Уæрæсейы æмбæстæгтæ сæ хъуыды кæй зæгъдзысты сæрибарæй", — загъта Бибылты Анатолий.

Гуырдзыстоны æмбæстаг Арчил Татунашвилийы амæлæты фæдыл ДИФ-ы цы спекуляцитæ цæуы, уый тыххæй та президент банысан кодта, йæ аххосæгтæй иу кæй у карз политикон тох Гуырдзыстоны президентон æвзæрстыты агъоммæ.

"Алыгъуызон политикон тыхтæ фæлварынц сæ рейтинг алыгъуызон популистон раныхæсты руаджы схизын кæнын, æмæ нæ сыхæгтимæ уавæры та, рейтингыл æнцон схæцæн у национализм, реваншистон раныхæсты æмæ æхсæнадæмон æнæуынондзинад сцырын кæныны руаджы", — загъта Бибылты Анатолий.

Истерийы дыккаг факторыл та уый банымадта Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг кураторты, кæцытæ пайда кæнынц барадон организацитæй, цæмæй Хуссар Ирыстоны равдисой куыд оккупацигонд регион, цы ран рæстæгæй рæстæгмæ хæлд цæуынц адæймаджы бартæ.

"Фæлæ мах никуы уыдыстæм æвдисæн ирæтты бирæнымæц лæгмæрдты, геноцид фæазым кæныны кампанитæн. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбарæм, информацион атакæйы нысан, фыццаджыдæр, кæй у Уæрæсе, кæцыйы ныгуылæйнаг политиктæ фæлварынц равдисын агрессор æмæ оккупантæй", — бафтыдта уый.