Уæрæсейы минæварад радзырдта, кæмæн ис хæдзары схъæлæс кæныны бар

Хæдзары схъæлæс кæныны бар цы аххосæгтæ дæттынц, уыдоныл нымад цæуынц низтæ, кар æмæ сахъатдзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Уæрæсейы минæварад Хуссар Ирыстоны хъусын кæны, æмбæстæгтæй æвзарæн фадгуытæм йæ бон æрбацæуын кæмæн не ʻсуа, уыдон кæй схъæлæс кæндзысты хæдзары, науæд та рынчындоны.

Уый нысанæн 18 марты 14:00 сахатмæ фадыгон æвзарæн къамисмæ хъæуы бадæттын æмбæлон куырдиат. Гæххæтт гæнæн ис бадæтта куыд йæхæдæг хъæлæсгæнæг, афтæ йæ сыхæгтæ, хæстæджытæ, науæд та соцкусджытæ.

Бибылты Анатолий: Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ сты мах æвзæрстытæ дæр

Куырдиаты хъæуы банысан кæнын ном, мыггаг, цæрæн бынат, телефоны номыр æмæ æвзарæн фадыгмæ цæмæннæ у йæ бон бацæуын, уый аххосаг.

Аххосæгтыл нымад цæуынц:

• Ӕнæниздзинады уавæр: буары тæвдад, æлхъывдад, цъæлтæ æмæ а.д;

• Кар;

• Сахъатдзинад: куырм, цæуын йæ бон кæмæн нæу æмæ а.д.

Фадыгон æвзарæн къамисæн бар ис ма сразы уа куырдиатыл, фæлæ йæ уæд фехъусын кæндзысты.

Радон президентон æвзæрстытæ Уæрæсейы ацæудзысты 2018 азы 18 марты. Ӕдæппæт РХИ территорийыл арæзт æрцæудзæн фараст æвзарæн фадыджы, уыдонæй фондз æрбайгом уыдзысты Цхинвалы, иннæтæ та – Знауыры æмæ Дзауы районы администрациты, Ленингоры поселок æмæ Дменисы хъæуы.