Путин райста хъæлæсты 76,67%: ЦӔК-ы хатдзæгтæ бюллетеньты 99,75%-мæ гæсгæ

Уæрæсейы ЦӔК раргом кодта йæ бæрæггæнæнтæ бюллетеньты 99,75% банымайгæйæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин æрæмбырд кодта хъæлæсты 76,67% паддзахады сæргълæууæджы æвзæрстыты, бæрæг у Централон æвзарæн къамисы бæрæггæнæтæй, бюллетеньты 99,75% банымайыны фæстæ. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости.

Архайгæ президент райста йæ карьерæйы хъæлæсты рекордон нымæц – уымæн схъæлæс кодта 54,4 милуан адæймаджы, уый та у 5,1 милуан фылдæр 2004 азæй.

Уымæй дарддæр ма, æппæт аннæ кандидаттæ иумæ сисгæйæ цы хъæлæстæ растой, уымæй фылдæр сты Владимир Путинæн.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта йе 'вварсхæцджытæн æвзæрстыты уæлахизы фæдыл æмæ бафтыдта, йæ командæ кæй равдысты аккаг хатдзæг.

Дыккаг бынатыл ацыд УФКП кандидат Павел Грудинин, æртыккаг бынатыл ис Владимир Жириновский, сæ фæстæ цæуы телеамонæг Ксения Собчак, аннæтæ растой иу кæнæ ноджы къаддæр процент.