Бибылты Анатолий раарфæ кодта Путинæн æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл

Ӕвзæрстытыл ахадгæ уæлахиз ноджыдæр уыд æвдисæн Путины авторитетæн куыд националон лидерæн, кæцыйыл Уæрæсейы адæмæн ис егъау æууæнк, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфæ кодта Уæрæсейы архайгæ президент Владимир Путинæн президентон æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл.

Уæрæсейаг Центрæвзæрсткъамы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бюллетенты 100%-ы бæрц банымады фæстæ, Путинæн схъæлæс кодтой æвзарджыты 76%.

"Тынг æхсызгон мын у Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты номæй æмæ сæрмагондæй мæхи номæй Дын зæрдиагæй раарфæ кæнын Уæрæсейы Федерацийы президенты постмæ равзарыны фæдыл", — дзырдæуы Бибылты Анатолийы арфæйы телы.

Бибылты Анатолий: Уæрæсейы президенты æвзæрстытæ сты мах æвзæрстытæ дæр

Хуссарирыстойнаг лидер банысан кодта, æвзæрстыты ахадгæ уæлахиз ноджы дæр кæй уыд æвдисæн Путины авторитетæн куыд националон лидерæн, кæцыйæн Уæрæсейы адæмы æхсæн ис стыр æууæнк.

"Ӕвзарджытæ сарæзтой равзæрст – Уæрæсейаг паддзахады тых сæндидзын кæнынмæ, бæстæйы социалон-экономикон райрæзты фæдыл, цæрджыты фæрныгады рæзты æмæ æхсæнады консолидацийы фæдыл Дæ курсы фарс балæуд", — балхынцъ кодта Хуссар Ирыстоны президент.

Ӕвзæрстытæ ацыдысты 18 марты.