Президент æмæ парламент баххуыс кодтой: цхинвайлаг бинонтæн балхæдтой хæдзар

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сразы ис парламенты депутаты хъæппæрисыл Цхуырбаты Иринайæн хæдзар балхæныны тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Цхинвалы цæрæг Цхуырбаты Ирина йæ бинонтимæ дыууын азы размæ ралыгъд йæ райгуырæн хъæуæй. Бирæ рæстæг уыдон истой арендæйы цæрæнуат микрорайон "Шанхай"-ы. Ӕрæджы хæдзары хицау сфæнд кодта йæ ауæй кæнын, уый фæстиуæгæн Цхуырбаты бинонтæ аззадысты æнæ цæрæнуатæй.

Цхуырбаты Иринайы проблемæйы тыххæй базыдта парламенты депутат Уалыты Роза, хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

Для семьи Ирины Цховребовой приобрели дом

Парламентарий бахатыд президент Бибылты Анатолиймæ бинонты цæрæнуатон фарст алыг кæныны фæдыл. Президент нæ ахызт проблемæйы иувæрсты æмæ баххуыс кодта бинонтæн хæдзар балхæнынæн.

"Мах бирæ рагæй агуырдтам уавæрæй рахизæн ссарын. Фæнд кодтам кредит райсын æмæ цы хæдзары цардыстæм, уый балхæнын, фæлæ не ′хцатæ фаг нæ уыдаиккой. Фæстаг ныфс ма нæ уыд президентæй, æмæ уый æвиппайды уавæр айста йæхъусдардмæ", — загъта Цхуырбаты Ирина.

Уымæ гæсгæ, президенты æххуысæй Цхуырбаты бинонтæ ссисты, 20 азы "Шанхай"-ы цы хæдзары фæцардысты, уый хицæуттæ æмæ кæцы уыцы рæстæгмæ уыдонæн ссис куыд сæхи хæдзар.