Хуссар Ирыстон радта Татунашвилийы буар Гуырдзыстонмæ

Ӕхсæнылæгтæм ма радтой тæрхондонон-медицинон эксперты скъуыддзаг Татунашвилийы амæлæты аххосæгты фæдыл хатдзæгтимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Цхинвалы дыццæджы Гуырдзыстоны æмбæстаг Арчил Татунашвилийы мард лæвæрд æрцыд Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты минæвæрттæм.

Хацырты Филипп æрдзырдта Ленингоры уавæрыл Татунашвилийы амæлæты фæстæ

Прокуратурæйы кусджытæ ма Сырх Дзуары минæвæрттæм радтой тæрхондонон-медицинон эксперты скъуыддзаг Татунашвилийы амæлæты аххосæгты фæдыл хатдзæгтимæ.

Мард раттыны процедурæ ацыд цхинвайлаг моргы. Ӕмбæлон документтæ саразыны фæстæ, СДӔК-ы цхинвайлаг офисы минæвæрттæ радтой Татунашвилийы буар сæ коллегæтæм нейтралон территорийыл арæнгæрон хъæу Эргнеты, уырдыгæй Татунашвилийы мард буар фæхæццæ кæндзысты Гуырдзыстонмæ.

"Уæрæсейаг тæрхондонон-медицинон эксперты хатдзæджы дзырдæуы, Татунашвили кæй амард йæ зæрдæимæ проблемæйы тыххæй. Уымæй дарддæр ма, уымæн рыст йæ игæр æмæ уыд рынчын гепатитæй", — загъта журналисттæн прокуратурæйы минæвар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, эксперты хатдзæджы нысан цæуы, Татунашвилийы гуыр, къæхтæ æмæ къухтыл кæй ис цæфтæ, кæцытæн аргълæвæрд цæуы, куыд æнæниздзинадæн рог зиан.

Передача тела Арчила Татунашвили

Хæдбар эксперты хатдзæгмæ гæсгæ, Татунашвили амард 22 февралы. Уыцы бон æй æрцахстой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ Ленингоры поселочы, сгарæн-диверсион архайд æмæ 2008 азы августы сабыр цæрджыты амарынмæ йæм зæрдæ кæй æхсайдта, уый фæдыл. Татунашвили алидзын кæй бафæлвæрдта, уый тыххæй йæ ныхмæ спайда кодтой физикон тыхæй, кæцыйы рæстæджы уый фæбырыд асиныл æмæ ныццавта йæхи. Уый фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ, цы ран дыууæ сахаты фæстæ амард.