Цæгат Иры дæр арæзт цæуы мадæлон æвзаджы терминологон къамис

Къамис саразыны уагæвæрдтæ æмрæстæджы хаст æрцыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хицауадты æмбырдты æркастмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны арæзт цæуы национ æвзаджы терминологон къамис, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Ахæм уагæвæрдтæ уыцы иу рæстæджы хаст æрцыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хицауадты æмбырдты æркастмæ.

Цхинвалы сфидар кодтой ирон æвзаджы фæдыл Терминологон къамисы сконд

"Къамисы сæйраг фарстытæ сты — ирон æвзаджы лингвистикон терминологон системæ фæхуыздæр кæнын, сбæрæг кæнын литературон нормæтæ æмæ фæбæрзонддæр кæнын æвзаг зоныны культурæ. Уымæй уæлдай, ирон адæмы национ-культурон райрæзты тыххæй арæзт цæуы экспертон къамис дæр, уый кусдзæн Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн æмгуыстады фарстытыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

19 марты Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службæ фехъусын кодта, фидар кæй æрцыд ирон æвзаджы фæдыл Терминологон къамисы сконд. Уынаффæ райстæуыд республикæйы министрты кабинеты рабадтыл премьер Пухаты Эрикы разамындæй.