Бибылты Анатолий: Хуссар Ир стыр аргъ кæны Лавровы хайбавæрдæн республикæйы рæзтмæ

Уæрæсейы ФХМ-ы сæргълæууæг æртыццæджы нысан кæны йæ райгуырæн бон, уый фæдыл ын раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы сæрмагонд хайбавæрд Хуссар Ирыстоны рæзтмæ æмæ йæ æхæснадæмон позициты сфидар кæнынмæ æнустæм баззайдзæн ирон адæмы зæрдæты, фехъусын кодта Бибылты Анатолий йæ арфæйы телы уæрæсейаг æддагполитикон ведомствæйы сæргълæууæджы адресыл.

"Ды дæ стыр архайæг нырыккон дипломатийы историйы, ис дын дипломатон куысты егъау фæлтæрддзинад, æмæ уымæй, Ды, цытджын Сергей Викторы фырт, сарæзтай фидар авторитет де ′мбæстæгты æмæ сæрибаруарзæг адæмы æхсæн æнæхъæн дунейы", — дзырдæуы арфæйы.

Бибылты Анатолий банысан кодта, дипломат хисæрмагонд дæнцæгæй кæй разæнгард кæны Уæрæсейы националон интерестæ хъахъхъæнынмæ, дипломатты ног фæлтæр та – Фыдыбæстæйыл иузæрдион уæвынмæ.

Сергей Лавров райгуырд 1950 азы 21 марты. Уæрæсейы ФХМ-ы сæргълæууæджы бынаты ис 2004 азæй.