Нафийы изæр: Цхинвалы æрымысыдысты номдзыд ахуыргонды

Ахуыргæндтæ æрдзырдтой номдзыд ахуыргонды стыр хайбавæрдыл, скъоладзаутæ æнæкæсгæйæ дзырдтой йе 'мдзæвгæтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы поэзийы бон банысан кодтой зынгæ ирон фыссæг, поэт, ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг Джусойты Нафийы изæрæй. Мадзал бацæттæ кодтой горæты фæндзæм скъолайы коллектив æмæ скъоладзаутæ.

Ахуырдзаутæ æнæкæсгæйæ дзырдтой номдзыд ахуыргонды æмдзæвгæтæ, уырыссаг классикты æмдзæвгæтæ Нафийы тæлмацæй, равдыстой скъуыддзаг йæ пьесæ "Азау æмæ Таймуразæй". Скъолайы хореографион къорд сæххæст кодта цалдæр кафты.

Нафийы мысæн изæр
Поэзийы изæрмæ æрхуыдтой, Нафийы хорз чи зыдта, уыдон, республикæйы разамынад æмæ Ахуырады министрады минæвæртты. Бæстæйы президент Бибылты Анатолий раныхас кодта æрæмбырдуæвджыты раз æмæ банысан кодта, Нафи æгæрон уарзтæй кæй уарзта Ирыстоны.

"Уый бæрц никæмæн бантыст балæггад кæнын йæ адæмæн, æвзаг æмæ литературæйæн. Нæ уыдта Ирыстоны фидæн хицæнтæй. Ахæм адæймагты ахадындзинад фылдæр банкъарæм сæ мæлæты фæстæ. Хуыцау уый бæрц тых радтæд, цæмæй йын аргъ æмæ кад кæнынæн уæм, нæ фæсивæд та стырдæр бæрзæндтæм хизæд", — загъта президент Бибылты Анатолий.

Экраныл æвдыст цыдысты видеокадртæ Нафийы хайадистæй, ахуыргæндтæ Плиты Гацыр, Дзиццойты Юрий æмæ Челехсаты Хъазбег æрдзырдтой Нафийы цардвæндагыл — куыд диссаджы куыстуарзон уыд зонады, кæй нæ былысчъил кодта уæззау куыстыл, кæдфæндыдæр кæй уыд хуымæтæг адæймаг.

Нафийы изæр

"Нафи канд ирон адæмы нæу, уый у дунейы. Уый нын фенын кодта, куыд хъæуы уарзын мадæлон æвзаг, куыд хъæуы лæггад кæнын æмæ цæрын. Уый æнустæм баззайдзæн адæмы хъуыдыйы, куыд критик, тæлмацгæнæг, фæлæ сæйраг та куыд хорз адæймаг. Ӕз зыдтон æрмæстдæр дыууæ стыр ахуыргонды, кæцытæ мæ бон у схонын хуымæтæг адæймæгтæ – уыдон уыдысты Гæбæраты Никъала æмæ Джусойты Нафи", — загъта ахуырады министр Гасситы Натали.

Челехсаты Хъазбег бакаст Нафийы номыл фыст æмдзæвгæ, балæвар кодта скъолайæн Нафийы хуызистимæ риуылдарæн нысæнттæ æмæ скъоладзаутæн фенын кодта йæ хисæрмагонд музейы экспонаттæй иу – фыццаг ирон чиныг, кæцы рацыд мыхуыры 1798 азы.

Мадзалы мæ сæ аивадæй барæсугъд кодтой адæмон инструментты ансамбль "Айзæлд" æмæ Адæмон артист Ӕлборты Инал.