90-æм æзтæ сценæйыл: скъоладзаутæ равдыстой Хуссар Иры Фыдыбæстон хæстыл спектакль

Мизансценæты равдыстой 23 ноябры фæсивæды хайтардзинад, Театралон фæзуаты ирон тырысайыл ардхæрды церемони, цырагъы рухс æмæ æппынæдзух æхсты бын цард
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы æртыккæгæм скъолайы хистæркъласонтæ сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстон хæсты цаутыл таурæгъгæнæг спектакль "Дугивæнтæ". Сывæллæттæ равдыстой ивгъуыд æнусы 90-æм æзты хæст, тасы бын цард, уды зиæнттæ æмæ ардхæрды æгъдау.

Спектакль ахаста сахаты бæрц, æрæмбырдуæвджытæй бирæтæ сæ цæссыг дæр нæ урæдтой. Сценæйыл сывæллæтты хъазт хистæр кары адæмæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта ивгъуыд рæстæджытæ, кæстæр фæлтæр та зонгæ кодта нæ бæстæйы ног уæззау историимæ.

Спектакль "Дугивæнтæ"
Айзæлдысты зарæг "Дзауы уæрдæттæ", Ходты Камалы æмдзæвгæ æмæ Пæррæстаты Арианайы зарæг "Ссудз цырагъ". Мизансценæты равдыстой 23 ноябры фæсивæды хъайтардзинад, Театралон фæзуаты ирон тырысайыл ардхæрды церемони, цырагъы рухс æмæ æппынæдзух æхсты бын цард.

Радзырды автор æмæ спектаклы æвæрæг Бекъойты Майяйы ныхæстæм гæсгæ, уацмысы æвдыст цæуынц 90-æм æзты æцæг хабæрттæ.

"Драмæ нырма мыхуыр никуы ʻрцыд. Ам цы цаутæ æвдыст цæуынц, уыдон ист сты нæ хæстон историйæ. Спектаклы центры цы бинонты цард æмæ фæсивæды архайд æвдыст æрцыд, уыдон сты æмбырдгæнæн фæлгæнцтæ. Уацмыс æвæрд æрцыд æнæ фæцыбыргæнгæйæ", — загъта Бекъойты Майя.

Спектакльмæ хуынд æрцыдысты президент, горæты æмæ ахуырады министрады разамынад. Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта ныййарджытæн æмæ ахуыргæнджытæн, кæй радтой ахæм хорз патриотикон хъомылад фæсивæдæн.

"Мах хъомыл кодтам Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты сгуыхтдзинæдтыл, абоны фæлтæрæн та ис фылдæр фæзминаг хистæртæ — æрбамбал сæм сты, 90-æм æзты Цхинвал цы лæппутæ хъахъхъæдтой, уыдон. Хуыцау нын тых радтæн, цы сæ нæ ферох кæнæм. Спектакль хæссы патриотикон æмæ хæрзвæткон хъомылад, æвдыст дзы цæуы ирон æгъдау", — банысан кодта йæ раныхасы Бибылты Анатолий.

1 / 2
Спектакль "Дугивæнтæ" Цхинвалы æртыккæгæм скъолайы
2 / 2
Спектакль "Дугивæнтæ"

Скъолайы коллектив нæ баззад æнæ лæвар дæр. Стыр залы, цы ран æвдыст цыд спектакль, нырма дæр зыны хæсты фæд, хатæны къултыл бирæ ис нæмгуыты фæдтæ. Президент баныфсæвæрдта, ацы проблемæмæ горæты хицæуттимæ сæ хъусдард кæй аздахдзысты.