МХМ фехъусын кодта аварийы тыххæй Цхинвалы

Ӕртæ адæймаджы бахаудысты рынчындонмæ фæндагон фыдбылызы фæстиуæгæн Цхинвалы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik. Цхинвалы, 8 июны уынгыл æрцыд авари, кæрæдзиуыл сæмбæлдысты дыууæ рог автомашинæйы — ВАЗ 2114 æмæ ВАЗ 2199, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

Хуссар Иры МХМ амоны скъоладзаутæн хорз æвзæрæй хицæн кæнын

Фæндагон-транспортон цау æрцыд республикæйы столицæйы къуырисæры, 26 марты райсом аст сахатмæ æввахс.

"Фæндагон фыдбылызы фæстиуæгæн зиан баййæфтой æртæ адæймаджы, алыгъуызон цæфтимæ сæ фæхæццæ кодтой Республикон соматикон рынчындонмæ", — дзырдæуы ведомствæйы хъусынгæнинаджы.

Факты фæдыл равзæрст уадзы республикæйы МХМ-ы Фæндагон змæлды æдасдзинады паддзахадон инспекцийы управлени.