"Фыййæутты хъазт" æмæ "Абхазаг" кæфтытæ: "Симд" хоны ног программæмæ

Бæстæйы сæйраг ансамбль аивадуарзджытæн равдисдзæн дыууæ ног номыры - "Фыййæутты" æмæ "Абхазаг" кæфтытæ. Къорды сфæлдыстад рауæрæх кæныныл бакуыстой æрхонгæ специалисттæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" 2018 азы йæ фыццаг концерты бавдисдзæн дыууæ ног кафты – "Фыййæутты хъазт" æмæ "Абхазаг", фехъусын кодта Sputnik "Симд"-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристина.

"Симд" йӕ гастролты Абхазы ратдзæн фондз концерты

Паддзахадон ансамбль "Симд"-æн 5 апрелы ПККЗ "Чермен"-ы ацæудзæн йæ фыццаг концерт ацы аз.

"Ӕхсæнад цы кæфтытæ бауарзта, уыдонæй дарддæр сфæлдыстадон къорд бацæттæ кодта дыууæ ног номыры — "Фыййæутты хъазт" æмæ "Абхазаг" кæфтытæ. Ног кæфтытæ сæвæрынмæ хуынд æрцыдысты дыууæ специалисты фæсарæнтæй. Концертон программæ ахæсдзæн дыууæ сахаты бæрц", — загъта Гаглойты Кристина.

Бæстæйы сæйраг кафты коллективимæ куыстой Уæрæсейы сгуыхт артист, Цæгат Ирыстоны æмæ Цæцæн-Мæхъæлы сгуыхт артист, ансамбль "Алан"-ы легендарон солист Булацаты Таймураз, уый бацæттæ кодта "Фыййæутты кафт". Традицион абхазаг кафт та сæвæрдтой Абхазы республикæйы сгуыхт артист Александр Аршбайы къухдариуæгады бын.