Хуссар Ирыстоны аивтой бæрæгбонон мадзæлттæ Кемеровойы трагедийы тыххæй

Республикæйы хъуамæ ацыдаиккой хиирхæфсæн мадзæлттæ Культурæйы кусæджы боны цытæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны аивтой хиирхæфсæн мадзæлттæ, кæцытæ хъуамæ ацыдаиккой Культурæйы кусæджы боны фæлгæтты. Ахæм уынаффæ республикæйы къухдариуæгад райста Кемеровойы трагедийы фæдыл, фехъусын кодтой Sputnik РХИ-ы президенты пресс-службæйы.

"Хиирхæфсæн мадзæлттæ иууылдæр аргъæвтой. Цхинвалы, Уырыссаг рæстдинон аргъуаны та дыццæджы ацæудзæн Хуыцаумæскуывд Кемеровойы трагедийы амæттæгты фæдыл", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Раздæр президент Бибылты Анатолий арвыста тæфæрфæсы тел Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ, Кемеровойы базарадон центры зынгсирвæзты фæдыл.

Путин фехъусын кодта Кемеровойы зынгсирвæзты аххосæгтæ

Ӕртыццæджы Хуссар Ирыстоны хъуамæ уагъд æрцыдаид бæрæгбонон концерт культурæйы къабазы кусджыты цытæн. Уыцы изæр ма Цхинвалы хъуамæ сæ аивад равдыстаиккой ансамбльтæ "Къона" æмæ "Уацамонгæ" Цæгат Ирыстонæй традицион "Ирон хъазты" фæлгæтты.

Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзт æрцыд хуыцаубоны. Трагеди ахаста иууыл къаддæрæй 64 адæймаджы цард, се хсæн ис бирæ сывæллæттæ. Рынчындæтты нырма ис 15 адæймаджы, сæ фылдæр фесты сыгъхъæстæ.