Цхинвалы ног аргъуаны ауагътой Кемеровойы трагедийы амæттæгты номыл панихидæ

Райсомæй мардмысæн службæ ацыд Цхинвалы Мад Майрæмы аргъуаны дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы уæвæг Уæрæсейы расткадон дзуары аргъауны ацыд мардмысæн службæ Кемеровойы базарадон центр "Зимняя вишня"-ы æрцæугæ бæллæхы амæттæгты номыл. Панихидæмæ æрбацыд президент Бибылты Анатолий, парламенты сæрдар Гасситы Петр, депутаттæ, горæты цæрджытæ, суанг ма сабитæ дæр.

Цхинвалы сæвæрдтой дидинтæ Уæрæсейы минæварадмæ

Мардмысæн æмбырд уагъта аргъуаны динамонæг фыд Серги (Кокойты).

Президент Бибылты Анатолий ссардта, чи фæхъуыд уыдон рухс нæмттæ, зиан кæуыл æрцыд, уыдонæн та йæ цæст бауарзта тых сæ зындзинад сфæразынæн.

"Мах алыхатт дæр зыдтам, Уæрæсе нæ фарсмæ кæй ис. 2008 азы хæсты рæстæджы Кемеровойы адæм стыр лæггад бакодтой Хуссар Ирыстоны адæмæн – нæ кæстæрты нын акодтой, цæмæй уым баулæфой æмæ сæ зæрдæйы рыст фæкъаддæр уа. Уыцы зындзинады кæд нæ фарсмæ æрбалæууыдысты, уæд махæн моралон бар нæй, абон сын ма зæгъæм мæсæлæй æмæ сæ фарсмæ ма балæууæм. Уыдон хъуамæ банкъарой, фæрсарæнты, се хсæн Хуссар Иры дæр, кæй ис адæм, кæцытæ уыцы трагеди райстой куыд сæхи бæллæх", — загъта президент.

Мардмысæн службæ

Дыццæджы ма Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзты амæттæгты рухс нæмттæ ссардтой Цхинвалы Мад Майрæмы аргъуаны дæр.