Уæрæсейы минæвæрады Хуссар Иры бакодтой мæсæллæйтты чиныг

Кемеровойы трагедийы амæттæгты хиуæттæн мæсæллæйттæ ныффыссын у алкæй бон дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты Уæрæсейы минæварады райстыты залы æртыццæджы æрбакодтой мæсæллæйтты чиныг Кемеровойы базарадон центр "Зимняя вишня"-йы зынгсирвæзты бабынуæвджыты рухс нæмттæ арынæн.

Цхинвалы сæвæрдтой дидинтæ Уæрæсейы минæварадмæ

Кемеровойæгтæн мæсæллæйттæ ныффыссын йæ бон у алкæмæн дæр райсом 09:00 сахатæй 18:00-мæ, хъусын кæны УФ минæвæрады пресс-службæ.

Уымæй размæ Кемеровойы æрцæугæ бæллæхы тыххæй Хуссар Ирыстоны аивтой æппæт хиирхæфсæн мадзæлттæ. Цхинвалы Уæрæсейы расткадон æмæ Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуанты ацыдысты мардмысæн службæтæ.

Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзт æрцыд хуыцаубоны. Трагеди ахаста 64 адæймаджы цард – сæ фылдæр сты сывæллæттæ.

Трагедийы тыххæй 28 март расидт æрцыд фыдохы бонæй.