ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ныффыста мæсæллæйы ныхæстæ Цхинвалы Уæрæсейы минæварады тæфæрфæсты чиныджы, кæцы æртыццæджы æрбакодтой Кемеровойы базарадон центр "Зимняя вишня"-йы зынгсирвæзты бабынуæвджыты рухс нæмттæ арынæн.
"Ирон адæм абон сты уæрæсейæгты фарсмæ. Тых æмæ хъару, бæллæх кæуыл æрцыд, уыдонæн. Тагъд 'снæниз уæд зианбаййафджытæ. Мæсæллæй зæгъын Уæрæсейы президент Владимир Владимиры фырт Путинæн. Уырны мæ, азымджынтæ æфхæрд кæй æрцæудзысты. Хуыцау зæгъæд, æмæ ацы бæллæх мауал сфæлхатт уа", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Тæфæрфæс кæнынмæ минæварадмæ бацыдысты хицауады сæрдар Пухаты Эрик, спикер Гасситы Петр, æххæстгæнæг æмæ закондæттæг органты минæвæрттæ.
Республикæйы разамынад æмæ æхсæнады минæвæрттæ сæвæрдтой дидинтæ дипминæварады бæстыхаймæ.
Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзт æрцыд хуыцаубоны. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, трагеди ахаста 64 адæймаджы цард, уыдонæй 41 уыдысты сывæллæттæ.
Рынчындæтты ис 14 адæймаджы, се ʻхсæн дыууæ сабийы. Ноджы ма 65 адæймаджы хос кæнынц хæдзæртты.
Æртыццæджы Кемерово æвæрынц зиæнттæ.