Театры бон Хуссар Иры банысан кодтой "Антигона"-йы премьерӕйӕ

Президент раарфӕ кодта актертӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта сӕ бирӕазон фыдӕбон ирон театры сценӕйыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Уалыты Диана. Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон театр равдыста хуссарирыстойнаг кӕсӕгӕн рагон грекаг драматург Софоклы пьесӕмӕ гӕсгӕ спектакль "Антигона"-йы премьерӕ.

Мадзал ӕрӕмных кодтой Театры ӕхсӕнадӕмон бӕрӕгбонмӕ. Сӕйраг хъайтарты фӕлгӕнцтӕ ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кодтой ӕвзонг актертӕ — Бекъоты Зӕринӕ Антигонайы ролы ӕмӕ Чочиты Андрей та йӕ уарзон Гемоны ролы. Уыдонӕн ацы спекталь уыд сӕ дебютон.

1 / 5
Театры бон Хуссар Иры
2 / 5
Театры бон Хуссар Иры
3 / 5
Театры бон Хуссар Иры
4 / 5
Театры бон Хуссар Иры
5 / 5
Театры бон Хуссар Иры

Премьерӕмӕ ӕрбацыд республикӕйы президент Бибылты Анатолий дӕр, уый раппӕлыд сфӕлдыстадон къордӕй цымыдисон спектаклы тыххӕй ӕмӕ адих кодта йӕ тӕлмӕнтӕ сценӕмӕкӕсджытимӕ.

"Арфӕ уын кӕнын уӕ бӕрӕгбоны фӕдыл. Сымах нын абон равдыстат, цы у ӕцӕг театр. Уӕлдай арфӕ кӕнын нӕ абоны дебютанттӕн, кӕцытӕ иттӕг хорз радӕттой сӕ хъайтарты характертӕ. Мӕниӕ гӕсгӕ, спектакль уазалзӕрдӕйӕ никӕй ныууагъта", — загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Бибылты Анатолий ма банысан кодта театры хистӕр фӕлтӕры хайбавӕрд дӕр хуссарирыстойнаг театралон аивады размӕцыды, ӕмӕ кӕцыдӕр актерты схорзӕхджын кодта кадджын нӕмттӕй.