Чысыл спортсментæ ссардтой Кемеровойы трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ

Бæллæхы бабынуæвæг адæмы номыл Цхинвалы сæрмæ арвы æрбатары сты 64 урс тымбылæджы, раст зынгирвæзт цас адæймаджы цард ахаста, уый бæрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы секциты хъомылгæнинæгтæ арвмæ суагътой урс тымбылæгтæ базарадон центр "Зимняя вишня"-йы зынгсирвæзты бабынуæвджыты рухс нæмттæ арынæн.

Бæллæхы бабынуæвæг адæмы номыл Цхинвалы арвы æрбатары сты 64 урс тымбылæджы, раст зынгирвæзт цас адæймаджы цард ахаста, уый бæрц.

"Кемеровойы трагедийыл алкæй зæрдæ дæр тынг фæрыст. Спорты галуан "Олимп" фыдохы акци сарæзта, цæмæй уыцы адæмæн сæ зын рæстæг батæфæрфæс кæнæм. Зынгирвæзты бабын ис бирæ сабитæ æмæ абон чысыл цхинвайлаг спортсментæ ссардтой, уыдонæн сæ рухс нæмттæ", — загъта спорты галуан "Олимп"-ы директоры хæдивæг Хуыбецты Руслан.

Акция в память жертв трагедии в Кемерово

Кемеровойы цыппаруæладзыгон базарадон центры зынгсирвæзт æрцыд хуыцаубоны. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, трагеди ахаста 64 адæймаджы цард, уыдонæй 41 уыдысты сывæллæттæ.

Рынчындæтты ис 14 адæймаджы, се ʻхсæн дыууæ сабийы. Ноджы ма 65 адæймаджы хос кæнынц хæдзæртты.