Уæрæсейаг богалты Рæмонаты Сосланы сæргълæудæй нæ бауагътой Дунейы кубокмæ АИШ-ы

Уæрæсейы æмбырдгонды сæргъ турниры хъуамæ лæууыдаид ирыстойнаг богал, олимпиаг чемпион Рæмонты Сослан
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Уæрæсейаг богалтæ нæ ацæудзысты Дунейы кубокмæ АИШ-ы, кæцы ацæудзæн 5-9 апрелы америкæйаг Айова-Ситийы, хъусын кæны Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы сайт.

АИШ-ы минæварад Мæскуыйы не сразы ис раттын визæтæ уæгъдибар хъæбысхæстæй уæрæсейаг командæйæн, "консулаг персоналы хъуагдзинады тыххæй".

Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили куыд фехъусын кодта, афтæмæй америкæйæгтæ мæстæй марынц спортсменты.

"Куыд фæнды ма уа, уæддæр АИШ-ы минæварады ацы къахдзæф никуыд бандавдзæн гауызыл не фсымæрон ахастытыл америкæйаг богалтимæ. Уыдон дæр катай кæнынц ацы сæвзæргæ уавæрыл. Уыдон алцыппæт дæр сарæзтой, цæмæй хайад райсæм Кубокы", — загъта Мамиашвили.

Уый бафтыдта, кæй ма сараздæн цалдæр телефонон ныхасы, фæлæ равдыста дызæрдыгдзинад уавæр аивыны фæдыл.

Уæрæсейы националон æмбырдгонды сæргъ АИШ-ы ерыстыл хъуамæ лæууыдаид олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан.