ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Дзыллон информацийы фæрæзтæ сфæнд кодтой басгарын, куыд цæттæ сты Цæгат Ирыстоны базарадон центртæ уæлвæткон уавæртæм, хъусын кæны Осетия-Ирыстон. Телеканалы исæн къорд сбæрæг кодта, республикæйы базарадон центрты сæйраг проблемæ кæй у æхгæд эвакуацион рахизæнтæ.
Базарадон-ирхæфсæн центр "Столица"-йы зингирвæзты сигнализацийæ ифтонггонд сты 3 уæладзыджы дæр – уымæй уæлдай кусы автоматикон системæ. Зынгирвæзт куы æрцæуа, уæд æй йæхæдæг ахуыссын кæндзæн. Фæлæ æхсæз рахизæнæй дыууæ уæлæмхасæн рахизæны разындысты æхгæд. Базарадон центр "Алания-молл"-ы дæр ницы фæткхæлдтытæ разынд æхгæд рахизæнтæй дарддæр.
ЦУМ-ы бæстыхай ифтонг у сыгъдхуыссынгæнæн ныхмæ автоматикон системæйæ, персонал рацæуы инструктаж æмæ ахуыртæ æрдæгаз иу хатт, фæлæ уæддæр рахизæнтæй иу разынд æхгæд.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ уадзынц æнæрадон басгæрсттæ, республикæйы сыгъдхуыссынгæнæн домæнтæ æххæст куыд цæуынц, уый фæдыл. Ахæм мадзæлттæ ист цæуынц Кемеровойы областы трагедийы фæстæ, цы ран базарадон центр "Зимняя вишня" –йы зынгирвæзты фæмард сты 64 адæймаджы, уыдонæй 41 сты сывæллæттæ.