ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Транскавказы автомагистралыл, кæцы æрæхгæдтой цыппæрæмы тæрккъæвда æмæ дурзгъæлды аххосæй, сног ис фæндагон змæлд, хъусын кæны УУМ пресс-службæ.
"Транскамыл фæндагон змæлд æрбакодтой майрæмбоны райсом 8.10 сахатæй", — загътой уагдоны пресс-службæйы.
Транскавказы автомагистраль цæуы бæрзонд хæххон бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ.