Тедеты Дзамболат: мах ссистæм политикон интригæты амынæттæ

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер сарæзта комментарийтæ, АИШ-ы минæварад Мæскуыйы кæй нæ радта визæтæ националон командæйы уæнгтæн, уый фæдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik. Уæрæсейаг богалты сæйраг тренер Тедеты Дзамболат банысан кодта, командæйы уæнгтæн дунейы Кубокы хайад райсынæн АИШ-ы минæварады визæтæ кæй нæ раттой, уымæн кæй ис политикон аххосæгтæ, хъусын кæны агентад "Чемпионат".

Тедеты Дзамболат банысан загъта, æмбырдгонд командæйы сконды ерыстæм кæй хъуамæ ацыдаиккой 25-28 адæймаджы: 20 спортсмены æмæ 5-8 адæймаджы та лæггадгæнæг персоналæй. Фыццаг уал уæрæсейы æмбырдгондæн загътой делегацийы æмбисы онг фæкъаддæр кæнын æмæ кæд командæ рацыд "сахъатджын", уæддæр домæн сæххæст кодтам. Фæлæ минæварады æрдомдтой, цæмæй командæ 12 адæймаджы онг фæкъаддæр уа.

Уæрæсейаг богалты Рæмонаты Сосланы сæргълæудæй нæ бауагътой Дунейы кубокмæ АИШ-ы

"Мах райдыдтам æмбарын сæ хъуыдытæ, уымæн æмæ ахæм сконды командæ фæсаст уыдзæн. Махæн та сæйраг хайадист нæу, фæлæ – уæлахиз. Знон нын загътой, визæтæ нын кæй ратдзысты, фæлæ Кубок уæдмæ фæуыдзæн. Ӕмæ ма нæ уæд цæмæн хъæуынц. АИШ-ы хъæбысхæсты федерацийы нын загътой, алцыдæр баст кæй у департаментыл – номхыгъдтæ райсгæйæ, уыдон ныууадзынц лæмæгъты æмæ айсынц тыхджын спортсменты", — загъта тренер.

Тедеты Дзамболат бахахх кодта, спортсментæ кæй ссисты Уæрæсейы ныхмæ политикон интригæты амынæттæ.

"Кæд раздæр хъуыды кодтам, ома спорт у политикæйæн æдде, уæд ныр та зæгъæн ис, æмæ спорты кæй ис фылдæр политикæ, политикæйæн йæхиимæ абаргæйæ", — банысан кодта уый.

Сæйраг тренер ма бафтыдта, цалдæр бæстæйы æмбырдгæдтæ – Украинæ, Турк, Гуырдзыстон – кæй нывæндынц рауадзын Дунейы Кубок, "уымæн æмæ æнæххæст скондæй хайадисын ницы пайда у".