МХМ-ы фехъусын кодтой Цхинвалы аварийы аххосæгты тыххæй

Фæндаг цы шофыр нæ радта, уый сарæзта аварион уавæр алвæндагыл Хуссар Ирыстоны столицæйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik. Дыууæ машинæйы — Jeep Grand Cherokee æмæ Toyota Land Cruiser – хайадистæй авари æрцыд Гæззаты Валерий æмæ Кобылты Сергейы алвæндагыл къуырисæры, 2 апрелы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

Ведомствæйы банысан кодтой, ФТЦ-ы аххосæг кæй уыд фæндагон змæлды æдасдзинады уагæвæрды фехæлд Grand Cherokee шофыры æрдыгæй.

"Шофыр, 28-аздзыд цхинвайлаг, Гæззаты Валерийы уынгыл цæугæйæ, нæ радта фæндаг æмæ сæмбæлд автомашинæ Toyota Land Cruiser-имæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Дыууæ машинæ дæр райстой механикон хъæнтæ, фæлæ дзы зианбаййафджытæ нæй. Цауы æууæлтæ æвзары МХМ ПАИ-йы управлени.