Ростехнадзор схуыдта Цъæйы канатон фæндаг "законæн æддейæ"

Цæгат Ирыстоны хæххон курорты канатон фæндæгтæй иуæн нæй бар æмæ куса
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik. Цъæйы иукъæлæттон канатон фæндаг куыста зымæгон сезоны 27 декабрæй 15 январьмæ æнæ Ростехнадзоры басгæрстæй, хъусын кæны 15 регион.

Цæгат Иры Цъæйы курорт суыдзæн зæрдæмæдзæугæдæр туристтæн

Ростехнадзоры минæвар Хæдыкъаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, Цъæйы канатон фæндагæн нæй бар кусын.

"Нæ ведомствæйы арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, кæцы ауагъта Кавказы канатон фæдæгтæй алкæцыйы алыварсон басгæрст дæр. Цъæйы иукъæлæтджын фæндагæн нæй бар кусын нæдæр зымæгон, нæдæр сæрдыгон афон", — бахахх кодта Хæдыкъаты Алан.

Уый бафтыдта, зæгъгæ, канатон фæндагмæ йæ хъус цы организаци дары – "Ток Осетия" – уый нæ уадзы регулярон басгæрсттæ финанскæнынады хъуагдзинады тыххæй.

Ӕмрæстæджы, дыууæкъæлæтджын канатон фæндаг та рацыд алы экспертизæ дæр æдасдзинады домæнты фæдыл.