ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Телеканал Russia Today нывæнды сисын документалон фильм Хуссар Ирыстоныл, фехъусын кодта Sputnik телепродюсер Арман Ордян.
"Мах фæнды иу фильмы æрæмбырд кæнын ирон адæмыхатты культурæйы хицæндзинæдтæ, республикæйы территорийыл æвæрд рагон цыртдзæвæнтæ, радзурын туристон потенциалыл, фæсивæды цардыл. Уымæй дарддæр ма фильмы уыдзæн æвдыст республикæйы политикон хахх дæр. Ныфс нæ ис æмæ фильмы сæйраг хъайтартæй иу кæй суыдзæн республикæйы сæргълæууæг дæр", — загъта продюсер.
Фильм исдзысты Хуссар Ирыстоны 9-16 апрелы.
Ацы аз январы документалон фильмтæ Хуссар Ирыстоныл систа бритайнаг журналист Грэм Филлипс.