Рæстдинонтæ нысан кæнынц Сыгъдæг Цыппæрæм

Куадзæны размæ къуырийы цыппæрæм бон рæстдинонтæ нысан кæнынц Сусæг куывд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. Стыр цыппæрæм, кæцы ма хонынц Сыгъдæг Цыппæрæм дæр, у рæстдинон дзуары нысаниуæгжын бонтæй иу, уый нывонд у ахсджиагдæр евангелион цауæн – Сусæг куывдæн.

Цхинвалы ног аргъуаны ауагътой Кемеровойы трагедийы амæттæгты номыл панихидæ

Рæстдинонтæ уыцы бон æрбацæуынц аргъуанмæ сыгъдæг хъуыдытимæ æмæ Хуыцауæн раргом кæнынц сæ зæрдæйы уаг, изæрырдæм та байхъусынц Евангелийæ бакастытæм Чырыстийы зæххон царды фæстаг бонты тыххæй.

Афтæ ма Сыгъдæн Цыппæрæмы рæстдинонтæ райдайынц бæрæгбонагъоммæ æфснайд æмæ Куадзæнмæ цæттæ кæнын – ахорынц рæвдуæттæ æмæ куадзæнон куличтæ.