Авари Хуссар Иры: цыппар зианбаййафæджы

Республикæйы 23-аздзыд цæрæг цы машинæйы рулыл бадт, уый бæлцæттæ алыгъуызон травмæтимæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik. ВАЗ — 21213 маркæ машинæйы рулыл цы æрыгон сылгоймаг бадт, уый нал сырæхст машинæ скъæрын æмæ ахауд дæлбыл æртыццæджы, 4 апрелы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службæ.

"ФТЦ æрцыд Цхинвал-Ленингоры фæндаджы 26-æм километрыл изæры æхсæз сахатмæ æввахс. Шофыр, Знауыры районы Арчънеты хъæуы 23-аздзыд цæрæг нал сырæхст скъæрын æмæ ахауд фæндаджы дæлбыл", — дзырдæуы ведомствæйы хъусынгæнинаджы.

Аварийы фæстиуæгæн зиан баййæфтой пассажиртæ – иууылдæр сылгоймæгтæ, кæцыты алыгъуызон цæфтимæ фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ.

Цау æвзары Цхинвалы районы мидхъуыддæгты управлени.